Тæрхондон Михеил Саакашвилийы хъуыддаджы фæлгæтты фыдракæнд бамбæрызыны  статийæ зылынмæ лæвæрд дыууæ уæнгæн  ахст стæрхон кодта
Тæрхондон Михеил Саакашвилийы хъуыддаджы фæлгæтты фыдракæнд бамбæрызыны статийæ зылынмæ лæвæрд дыууæ уæнгæн ахст стæрхон кодта

Тбилисы горæты тæрхондон тæрхонмæ  лæвæрд  Михеил Саакашвилийы хъуыддаджы фæдагуырды фæлгæтты фыдракæнд басусæг кæныны  статийæ   зылынмæ лæвæрд дыууæ уæнгæн,   развæлгъау æфхæрды  мадзалæй  стæрхон кодта ахст.

Процессыл иргъæвæг фарс  зылымæ лæвæрдтæн развæлгъау мадзалæй  суæгъд кæныны  домтта.   Альтернативæйæ  та   тæрхондонæн банхъарыд   цъынды бафидын.  Адвокат  Гиорги Гогава  райхъусын кодта, цæмæй  æрцахстуæвджытæ  Михеил Саакашвилийы транспортаци кодтой, фæлæ  бавдыст аххосагимæ  разы нæу.

Гуырдзыстоны прокуратурæ  тæрхонмæ лæвæрд  Михеил Саакашвилийы хъуыддаджы фæдагуырды фæлгæтты фыдракæнд басусæг кæныны  статийæ   зылынмæ лæвæрд дыууæ уæнгæн аххосаг   знон бавдыста.  Уыдоны зылынджын кæнынц   Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады  кодексы  375-æ  статийы   дыккаг хайæ, (уæззау  фыдракæнд  барæй басусæг кæнын), кæцы æфхæрды хуызæй  йæ хъуыдыйы  дары   иуæй-  цыппар азы онг ахст.