Стыр Британи Уæрæсейы  хицауадимæ бæрзонд æмвæзадыл алыгъуызон ахастытæ съкуыны
Стыр Британи Уæрæсейы хицауадимæ бæрзонд æмвæзадыл алыгъуызон ахастытæ съкуыны

Стыр Британи  23  уæрæсейаг  дипломаты  бæстæйæ  феддæдуар кæндзæн – уый фæдыл  Британийы   премьер-министр, парламенты  дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

Тереза Мейы  дзырдæй,   фæнысангонд скуыддзаг  райста,   сахар  Солсберрийы, Уæрæсейы рагысагарæг  куысты раздæры  офицеры,  Сергей  Скрипалы  æмæ йæ  чызджы  фæхъæстæ кæныны  тыххæй.

Британийы   хицауады  сæргълæууæджы дзырдæй,  Лондон бойкот  сиды  2018 азы  Дунейы  футболы чемпионатæн,  аивдзæн  Британимæ Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты  министры визиты  æмæ   бæрзонд æмвæзадыл аскуыдзæн   алы  хуызы  контакттæ  Уæрæсейы хицауадимæ.

12 марты Тереза Мей  Мæскуыйæн  24 сахатон ультиматум бавдыста æмæ  раздæры  уырыссаг  рагысгарæгы  Сергей Скрипалы  æмæ йæ чызджы  фæхъæстæ кæныны  хъуыддагыл,   æмбарынгæнæнтæ  раттын  æрдомтта, æндæр цауы та,   сæм санкцитæй бартъхъирæн кодта. Иугонд Паддзахады  хицауад  хъуыды кæны, цæмæй  гæнæн ис  Скрипалы  фæхъæстæйы аххосджын у Уæрæсе.