Тереза Мей - Британи Евроцæдисæй 29 марты рацæудзæн
Тереза Мей -  Британи  Евроцæдисæй   29 марты  рацæудзæн

Британи  Евроцæдисæй   29 марты  рацæудзæн.   Уый  фæдыл Британийы  премьер-министр   парламенты  депутаттимæ  фембæлды рæстæджы райхъусын кодта.

Тереза Мейы   дзырдæй,  Евроцæдисы  бæрæг  æмгъуыдтæ  ивд не æрцæудзысты.

Евроцæдисæй  рацæуыны  фарстайыл  Бриатнийы парламенты  кастытæрайдыдтой,  халæппæрст та, æнхъæлцау  15  январы ацæудзæн. Британийы  хицауады  къухдариуæггæнæг,  депутатты  фарсхæцынад ссарын  архайы.

Британийы лрдты  палатæйы  премьер-министры  Лейбористон партийы лидер  Джеймс  Корбин бафарста,  раситдзæн æви нæ  æмгъуыдагъоммæ  æвзæрстытæ, кæд парламент  хицауады  планæн не схъæлæс кæндзæн уæд.   Тереза Мей дзуаппæн  загъта, цæмæй  æмгъуыдагъоммæ  æвзæрстыты  расидын  нæ план кæны, фæлæ  Евроцæдисимæ  бадзырд,  кусæн бынæтты  æмæ æдасдзинады тыххæй, хъаххъæны  æмæ уый  тыххæй  парламент йæ фарс  хъуамæ рахæа.