Глазгойы,  Британийæ  хæдбардзинады  æркуырдæй   протестон акци ацыд
Глазгойы, Британийæ хæдбардзинады æркуырдæй протестон акци ацыд

Шотландийы  сахар   Глазгойы   Британийæ   хæдбардзинады   æркуырдæй,  масштабон   протестон акци  ацыд.

Акцийы  хайадисджыты  æхсæн уыд   Шотландийы   Фыццаг министр   Никола  Старджеон. Мсинистры  дзырдæй, зæгъгæ  кæд 12  декабры  Британийы   плангонд æвзæрстыты  «консервативон»  партий  фæуæлахиз уыдзæн,  уæд Шотланди йæ  фæнды ныхмæ  тыхыбын бауыдзæн  рацæуын æмæ евроцæдисы  скондæй  фæхицæн уын.   Никола Старджеон   цæрджытæм æрсидтис,  сæрмагонд  амонд  сæхæдæг бауынаффæ кæной æмæ  æрдомой  хæдбардзинад.

2016 азы   Шотландийы   Брекситмæ гæсгæ  уагхд  референдумыл,  цæрджыты  62 процент,  Евроцæдисы  базаынæн   рахæцыд йæ  фарс.