Уæрæсейы æддагполитикон уагдон – Курæг стæм Британийы фæсарæн хуъыддæгты министрадæй, ныууадзæт провокацион архæйдтæ
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрад Британийы æддагполитикон уагдоны ахæлиугонд фидиуæны схуыдта дезинформацийæ æмæ æрсидтис Британимæ, провокацион фидиуæнты хæлиу кæнын.
«Курæг стæм Британийы фæсарæн хъуыддæгты министрадæй, ныууадзæт провокацион митæ, ныууадзæт æдылы ныхæсты хæлиу кæнын æмæ тæтæр-монголы цагъаруавæры фæдыл историйы бацахуыр кæнæт» – дзырдæуы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны дзырдæуы, цæмæй Британийы фæсарæн хъуыддæгты министрады ахæлиугонд фидиуæн, ноджы иу бæлвырдгæнæн у, ома НАТО-йы бæстæтæ англо-саксты разамындæй Украинайы алыварс уавæр карздæр кæнынц.
Британийы æсарæн хъуыддæгты министрад ахæлиу кодта фидиуæн, кæцыйы мидæг дзырдæуы, цæмæй Кремль Украинайы хицауады проуырыссаг лидеры снысан кæнын хъавы, уымæ æмæ хъуыды кæны Украинамæ балæбурын æмæ йæ оккупаци скæнын. Уагдоны хъусинагæй, потенцион кандидатыл нымайынц раздæры украинаг депутат Евгени Мураевы.