Зугдиды скрининагцентр байгом уыдзæн, кæцы Мегрелиайы, Уæллаг Сванет æмæ оккупацигонд территоритыл цæрæг æмбæстæгтæн балæггад кæндзæн – уый фæдыл ЕÆÆО-ы архайæг сæрдар, Словакийы Республикæйы æддæ æмæ Европаг хъуыддæгты министр, Мирослав Лайчак, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианиимæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
«Цæмæн стæм ам абон – Словакий ЕÆÆО-йы 2019 азы сæрдар бæстæ у. Фæнды нæ адæймаджы бартæ æмæ æдасдзинад фæфидардæр кæнын. Æмæ нæ кæд фæнды цæмæй фæстиуæгджын уа, уæд диалогмæ, лидертæ æмæ скуыддзæгтæ исæг уæнгтæ хъуамæ бафтауæм», – банысан кодта Мирослав Лайчак.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, стабилондзинад ЕÆÆО-ы сæйраг архайадон фарста у.