Словакийы æххуысæй Зугдиды байгом уыдзæн скрининг-центр
Словакийы æххуысæй Зугдиды байгом уыдзæн скрининг-центр

Зугдиды  скрининагцентр   байгом уыдзæн,   кæцы Мегрелиайы,  Уæллаг Сванет æмæ  оккупацигонд территоритыл цæрæг  æмбæстæгтæн балæггад кæндзæн – уый фæдыл  ЕÆÆО-ы архайæг сæрдар, Словакийы   Республикæйы  æддæ  æмæ Европаг  хъуыддæгты министр, Мирослав Лайчак, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министр Давит Залкалианиимæ  фембæлды фæстæ райхъусын кодта.

«Цæмæн стæм ам абон –  Словакий ЕÆÆО-йы  2019 азы  сæрдар бæстæ  у.  Фæнды нæ  адæймаджы бартæ æмæ æдасдзинад  фæфидардæр кæнын.  Æмæ нæ кæд  фæнды  цæмæй фæстиуæгджын уа, уæд диалогмæ,  лидертæ  æмæ   скуыддзæгтæ исæг  уæнгтæ  хъуамæ  бафтауæм», –  банысан кодта Мирослав Лайчак.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, стабилондзинад  ЕÆÆО-ы  сæйраг архайадон фарста у.