Гуырдзыстонмæ 10-11 февралы Словакийы фæсарæйнаг æмæ Европаг фарстаты министр æрцæудзæн
Гуырдзыстонмæ 10-11 февралы Словакийы фæсарæйнаг æмæ Европаг фарстаты министр Мирослав Лайчак æрцæудзæн.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, визитимæ баст фарстатæ Словакийы Гуырдзыстоны сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар Реваз Гачечиладзе æмæ Словакийы фæсарæн æмæ Европаг хъуыддæгты паддзахадон нымæрдар, Франтишек Ружичка æркастысты.
Уагдоны æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, фембæлдыл фæрстæ дыууæ бæстæйы æхзсæн уæвæг хæларон азастытыл фæныхас кодтой æмæ дыууæфарсон æмæ бирæфарсон æмкуысткæнынады фарстытæ æркастысты. Афтæдæр дзырд аххæсыд Гуырдзыстон европаг æмæ евро-атлантикон интеграцийы актуалон фарстатæм æмæ ацы æрдгæй Гуырдзыстон цы прогрессмæ æрхæццæ уымæ.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты минстрады хъусинагы куыд дзырдæуы афтæмæй, минæвары æмæ паддзахадон нымæрдары фембæлдыл сæрмагонд хъусдард æздæхт æрцыд ИНО-йы хæлцы æмæ хъæууон хæдзарады организацийы (FAO) генералон директоры постмæ Гуырдзыстоны хицауады бавдыст кандидаты, Давит Къирвалидзейæн фарс рæхцыны фасртайы æрдæм.