Шалва Папуашвили – Иу мæй агъоммæ  æвзæрстыты ахæцыны  æркуырд комкоммæ нысан кæны политикон капитуляци
Шалва Папуашвили – Иу мæй агъоммæ æвзæрстыты ахæцыны æркуырд комкоммæ нысан кæны политикон капитуляци

Парламентон фылдæрты уæнг  Шалва Папуашвилийы  фидиуæнæй, зæгъгæ абон  алчи  уыны, цæмæй, «Националон Змæлд» райдыдта  æвзæрстыты  ахæцыны  æркуырды кампани, æфсонæн та  пандеми æрхастой, уымæн æмæ æвзæрстыты  æнтысты  шанс сын  нæй.

Папуашвилийы  дзырдæй,  зæгъгæ  æвзæрстыты онг иу  мæй  агъоммæ  æвзæрстытæ  ахæцыны  æркуырд комкоммæ нысан кæны  политикон капитуляци.

«Националон Змæлды»  кампанийæн йæ нысан у, цæмæй бахъуаджы цауы  сын   рагафон уа  цæттæ æфсон  хæдуынаффæйы æвзæрстытæм бойкот  расидынæн, дыккаг –  æвзæрстыты  хайад райсыны цауы  та, æнæирвæзгæ  састы  фæстæ райхъусын кæной, цæмæй  ацы саст  баййæфтой  уæззау  эпидуавæры  тыххæй  æмæ  цыма  ацæугæ  æвзæрстытæ  цæрджыты  бар  æххæстаргъджынæй æвидисæг не сты.

Æртыккаг – разæвзарæнон  периоды  уадзой хицауады  дискредитацигæнæг  кампани,  цæвиттон  нæ мæт кæнæм цæрджыты æнæниздзинадыл  æмæ уый  тыххæй нæ  фæнд кæнæм æвзæрстыты датæ ахæцын. Æцæгæй  та уый æппæтæн ис  иу  æфсон. Бæлвырд зонынц, цæмæй  фембылд уыдзысты», –  банысан кодта Шалва Папуашвили.

Æвзæрстыты æдас уавæрты ауадзыны тыххæй та, Папуашвилийы  дзырдæй, зæгъгæ æвзарæнон фадгуытыл, æмбæстæгтæ,  æндæр æмбырдтимæ абаргæйæ бирæ  æдасæй дæр уыдзысты.