Сæны националон агентады информацийæ, фæстаг фараст азы дæргъы, АИШ-æм  гуырдзиаг сæны экспорт  фондзхаттонæй  райрæзтис
Сæны националон агентады информацийæ, фæстаг фараст азы дæргъы, АИШ-æм гуырдзиаг сæны экспорт фондзхаттонæй райрæзтис

Америкæйы  статистикæйы бюройы  бæрæггæнæнтыл æнцойæ,  кæд 2012  азы  фыццаг  æртæ  кварталы мидæг  (январ-сентябр –  Гуырдзыстонæй АИШ-æм  импортиргонд уыд  627 мин Аиш доллары аргъы сæн, 2021  азы  афтæдæр фæнысангонд январ-сентябры  периоды, импортиргонд уыд  3,628 млн АИШ доллары  аргъы  сæн, кæцы 5 хатты фылдæр  у  2012 азы бæрæггæнæнтæй.  Æхсæйнаг афæдзон  рæзынады темп 17,95% бæрц  у.

«Сæны  экономистты  америкаг ассоциаци» (AAWE)  престижон  америкаг  организаци у.  Ассоциаци  цæугæ азы марты мæйы  ахæлиу кодта информаци, кæцыйы мидæг банысангонд уыд, ома 2020  азы АИШ-æм  сæны  импорты æмтгæйон  бæрæггæнæн 2019 азимæ абаргæйæ, 9.4%-æй  фæкъаддæри, æлæ импорты  фæкъаддæры уавæрты, Гуырдзыстон размæцыд æмæ импорты гурахст фылдæр кæны.  2020 азы АИШ-æм импортиргонд гуырдзиаг сæны аргъ, 21.4%-æй райрæзтис æмæ 3,93 милуан  АИШ доллармæ ахæццæ ис.

АИШ-æ гуырдзиаг сæны стратегион базар у, кæцыйы  Гуырдзыстоны  æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрады æмæ   сæны  националон  агентад, сæны  хицæн  индустриимæ æмгуыстадæй,  фæдфæдон маркетингон  мадзæлттæ æххæст кæны, кæцыты фæстиуæгæн, гуырдзиаг сæны  зонындзинад æмæ уымæ æмбæлгæйæ  экспорт дæр  стабилонæй  рæзгæ сты.