Сæны националон агентады информацийæ, фæстаг фараст азы дæргъы, АИШ-æм гуырдзиаг сæны экспорт фондзхаттонæй райрæзтис
Америкæйы статистикæйы бюройы бæрæггæнæнтыл æнцойæ, кæд 2012 азы фыццаг æртæ кварталы мидæг (январ-сентябр – Гуырдзыстонæй АИШ-æм импортиргонд уыд 627 мин Аиш доллары аргъы сæн, 2021 азы афтæдæр фæнысангонд январ-сентябры периоды, импортиргонд уыд 3,628 млн АИШ доллары аргъы сæн, кæцы 5 хатты фылдæр у 2012 азы бæрæггæнæнтæй. Æхсæйнаг афæдзон рæзынады темп 17,95% бæрц у.
«Сæны экономистты америкаг ассоциаци» (AAWE) престижон америкаг организаци у. Ассоциаци цæугæ азы марты мæйы ахæлиу кодта информаци, кæцыйы мидæг банысангонд уыд, ома 2020 азы АИШ-æм сæны импорты æмтгæйон бæрæггæнæн 2019 азимæ абаргæйæ, 9.4%-æй фæкъаддæри, æлæ импорты фæкъаддæры уавæрты, Гуырдзыстон размæцыд æмæ импорты гурахст фылдæр кæны. 2020 азы АИШ-æм импортиргонд гуырдзиаг сæны аргъ, 21.4%-æй райрæзтис æмæ 3,93 милуан АИШ доллармæ ахæццæ ис.
АИШ-æ гуырдзиаг сæны стратегион базар у, кæцыйы Гуырдзыстоны æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрады æмæ сæны националон агентад, сæны хицæн индустриимæ æмгуыстадæй, фæдфæдон маркетингон мадзæлттæ æххæст кæны, кæцыты фæстиуæгæн, гуырдзиаг сæны зонындзинад æмæ уымæ æмбæлгæйæ экспорт дæр стабилонæй рæзгæ сты.