Сæны националон агентад – Гуырдзыстонæн, январ-августы сæны экспортæй  145 милуан  АИШ доллары бæрц æфтиаг уыд
Сæны националон агентад – Гуырдзыстонæн, январ-августы сæны экспортæй 145 милуан АИШ доллары бæрц æфтиаг уыд

Цæугæ азы  аст мæйы мидæг Гуырдзыстонæй  дунейы  59 бæстæмæ   65 милуан  авг  сæн уыд экспортмæ  хаст.  Информаци уый фæдыл  хъусын кæны  сæны националон агентад.

Афтæма сæ информацийæ, цæугæ азы январ-августы Гуырдзыстонæй   экспортиргонд  сæнæй  æфтиаг  145 милуан  АИШ доллармæ  хæццæ кæны, кæцы  ивгъуыд азы  аналогион  бæрæггæнæнтæй 13%-æй фыылдæр  у,19%-æй райрæзтис  экспортиргонд сæны бæрц дæр. Гуырдзиаг сæны стратегион  базартæм экспорты рæзты  динамикæ æнæивгæ у: Польшæ – 29%(3638057), Китай – 9% (3373517), Латви -4% (1119219), Лиетувæ – 56% (675510), АИШ – 26% (700696), Германи – 23% (553852), Стыр Британи – 73% (435 264).

Гуырдзиаг сæны экспортон  бæстæты фыццаг фондзы тыххæй куы зæгъæм, уæд адон сты:  Уæрæсе, Украина, Польшæ, Китай  æмæ Хъазахстан.

Гуырдзыстонæй  æндæр æмæ æндæр бæрцæй  сæны экспорт  368 компани  сыххæст кодта. Уыимæ сæны националон  агентады  бæрæггæнæнтæй, хыгъдон  периоды, экспортиргонд у 22 милуан авг (0,5 л) бренди, кæцы  21%-æй фылдæр у  2020 азы аналогион  бæрæгæнæнтæй.  Брендийы экспортæй  æфтиаг  40,3 млн АИШ доллармæ ахæццæ ис (рæзт 8%).

Экспортмæ хаст уыд 570 мин авг (0,5л)  чъачъа, экспорты рæзт  115% аххæссыд.  Чъачъайы экспортæй  æфтиаг  1,3 млн  АИШ доллармæ хæццæ кæны;  рæзт  ивгъуыд  азы  аналогион  периодимæ  абаргæйæ  91% уыд.

Агентады хъусинагæй, сæны, брендийы, чъачъайы, брендийы  спирты æмæ кæнгæ брендийы  экспорты фæстиуæгæн  æфтиагы бæрц у 234 млн АИШ доллар, кæцы  18%-æй  фылдæр у  ивгъуыд азы аналогион  периоды бæрæггæнæнтæй.