Абоны бæрæггæнæнтæй, «Ртвели 2020»-ы фæлгæтты 740-ы онг тоннæ сæнæфсир æрцыд бакуыст
30 августы бæрæггæнæнтæй, «Ртвели 2020»-ы фæлгæтты, бакуыст æрцыд 740 тоннайы онг æндæр æмæ æндæр мыггаджы, фылдæр тагъдрæгъæдгæнæг сæнæфсир. Информацийы хъусын кæны сæны националон агентад.
Афтæма сæ хъусинагæй, ацы этапыл сæнæфсиртонæны координацион штабы нырид регистрацийы ацыд 100-ы онг сæндуцæг компани, кæцытæ тыллæг æфснайыны процессмæ этапгай баиу уыдзысты.
Сæны националон агентады хъусинагæй COVID-19-ы пандемийы фæстиуæгæн зианбавзарæг сæндондарынад-сæндуцынады къабазæн æххуысы нысанæн, Гуырдзыстоны хицауды уынаффæйæ, «ркацъители» æмæ «къахури мцъванейы» мыггаджы сæнæфсирыл субсидитæ рауæлдай уыдзысты. Субсиди лæвæрд æрцæудзæн уыцы сæндуцæг компанимæ, кæцы балхæндзæн æмæ бакусдзæн Къахет регионы зад, æнæкъаддæр 1000 тоннæ «Ркацъители» кæнæ «Къахури Мцъванейы» мыггаджы сæнæфсир. Афтæма, æлхæд иу кг сæнæфсир уæйгæнæгæн бафиддзæн 0,80 ларийы. Иу кг сæнæфсир балхæды рæстæджы, сæндуцæг компанимæ лæвæрд æрцæудзæн субсиди: иу кг «Ркацъителийæн» æмæ иу кг «Къахури Мцъанейæн» – 0,30 ларийы бæрцæй.