Руставелийы проспектыл, парламенты цур барадхъахъъхæнджытæ фæндаг æрыхгæдтой [фото]
Руставелийы проспектыл, парламенты цур барадхъахъъхæнджытæ фæндаг æрыхгæдтой [фото]

Руставелийы   проспектыл,  ахуыргæнинаг-фæсивæды   националон  галуаны  цур барадхъахъæнджытæ   автобустæй  æрыхгæдтой  фæндаг.  Уымæй  дарддæр   фæндагыл   полицийы  къордон сæвæрдтой.

Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы   журналист бынатæй  куыд хъусын  кæны, афтæмæй,   æдадсзинады нысанæй, барадхъахъæнджытæ  дыууæ  параллелон  акцийы  кæрæдзийæ  фæхицæнтæ  кæндзысты.

Парламенты бæстыхайы раз уагъд цæуы «Тбилиси Прайды»  ныхмæлæуджыты  акци, æрмæст Пушкины скъверы   æмбырд сты   акцийы  хайадисджытæ, кæцытæ   парламенты цур  20  июны  фæзындты тыххæй  акцитæ   аразынц.