Прокуратурæ Гиорги Шакарашвилийы уæззау аууæлтты барæй марындзинады аххосагæй, тугтæрхоны дзуаппмæ ратта «Тойота Камрийы» уæвæг фондз гоймагы
Гуырдзыстоны генералон прокуратурæ Гиорги Шакарашвилийы барæй марындзинады аххосагæй тугтæрхонон барадмæ гæсгæ дзуаппмæ раттын хъавы фондз гоймагы.
Уый фæдыл бæрæг ссис прокуратурæйы брифингыл.
Прокуратурæйы фидиуæнæй, Гиорги Шакарашвилийы хъуыддаджы фæдагуырды процессы, сæххæст минæй фылдæр процессон архайд. Æвдисæнты ныхæстæм гæсгæ æмæ фæдæвзарæн верситы рабæлвырд кæныны нысанæн, уагъд æрцыд бирæ фæдæвзарæн эксперимент, зылынмæ лæвæрдты базононы æмæ æндæр хуызы фæдæвзарæн мадзæлттæ, барадон æххуысы нысанæн куырдиат æрвыст æрцыд АИШ-ы æмæ Израилы паддзахады компетентон органтæм.
«Фæнды нæ æхсæнадæн бакой кæнын, цæмæй уыцы фондз гоймагæй уæлдай, кæцыты æрдæм тугтæрхонон сурын Гиорги Шакарашвилийы уæззау уавæрты барæй марындзинады аххосагæй райдыдта, къордон тыхмидзинады, къордон тьыхмидзинад организацидзинады æмæ ацы тыхмидзинады хапйад райсыны, афтæдæр, къордон сæрибардзинад сæмбонд кæныны фактыл ахст сты 12 гоймагы, кæцытæн æфхæрды мадзалы хуызæй стæрхон ис ахæст. Уыдонæн бавдыст аххосаг, бæлвырд æфхæрд у цыппарæй 10 азы онг ахæст» – банысангонд у прокуратурæйы ахæлиугонд фидиуæны.
Гиорги Шакарашвили 19 июны фæтар ис, 4 бонон агурæн мадзæлтты фæстиуæгæн, йæ мардыбуар ссардтой цæугæдоны. 19 аздзыд футболисты мæлæты хъуыддагыл ахст сты 17 уæнгы.