Паризы пантеон мигранттæ цалдæр сахаты дæргъы ахстой
Паризы пантеон  мигранттæ цалдæр сахаты дæргъы  ахстой

​ Паризы  пантеон мигранттæ  цалдæр сахатæй  бацахстой. Сæдæгай уæнг  хицауадæй бæстæйы  цæрыны  официалон   бар  æмæ адекватон  цæрæн  уавæртæ куырдтой.

Æнæлегалты  активондзинады тыххæй  Паризы   пантеон  цалдæр сахат туристтæн æхгæд уыдис.

Цалдæр сахаты  фæстæ та барадхъахъхъæнджытæ   пантеон æнæлегал мигранттæй  сæвдæлон кодтой фæлæ  уыдон демонстраци  гом арвы бын адарддæр кодтой, кæцы рæстæджы дæр  барадхъахъхъæнджытæ сæ ныхмæ  цæссыгуадзæн  газ ауагъдтой.