«Ройтер» -  50-ы онг  мигрант Белорусы арæн атыдтой æмæ Польшæйы территоримæ баирвæрзтысты
«Ройтер» - 50-ы онг мигрант Белорусы арæн атыдтой æмæ Польшæйы территоримæ баирвæрзтысты

Польшæйы  хъусын кæнынц, цæмæй  50-ы онг  мигрант Польшæйы территоримæ  баирвæзтысты. Информаци уый фæдыл  агентад «Ройтер» хъусын кæны.

Польшæйы  пъæлицæйы  фидиуæнæй,  зæгъæн ис 50 мигрантæй къорд, Белорусы  арæн ратыдтой æмæ   Польшæйы  территоримæ баирвæрзтысты хъæу  Старцинамæ хæстæг. Мигрантты Польшæйы пъæлицæй рацахста  кæцытæй 22  сты Иракы æмбæстæгтæ.

Арæйнон  куысты  хъусинагæй, ивгъуыд  бон, Белорусæй  Польшæйы  арæныл ахизыны  223  факт  сфиксир ис.

Æввахс  скæсæны  бæстæтæй  мингай  мигранттæ  фæцæуынц  Белорусмæ  Евроцæдисы  арæныл ахизыны  ныфсæй.  Евроцæдис Белорусы хицауады   æнæлегал мигрантты фæрцы  «гибридон  лæбурды» аххосджын кæны  æмæ уæлæмхас санкцитæ сфидар кæнынæй æртхъирæн кæныю Белорус аххосæгтыл нæ  сæтты.