Польшæйы фæсарæн хъуыддæгты министрад Уæрæсейы минæварадмæ бæстæйы скæсæн арæны цур дроны æрæппæрсты фæдыл протестон нотæ арвыста
Польшæйы фæсарæн хъуыддæгты министрад Уæрæсейы минæварадмæ арвыста протестон фыстæг, Люблины регионы бæстæйы скæсæйнаг арæнмæ хæстæг дроны æрæппæрсты тыххæй, дзырдæуы министрады расидæны.
«Министрад инцидент нымайы ноджы иу æнæбары провокацийыл, кæцы æмдзу кæны Уæрæсейы Федерацийы гибридон архайдтыты практикæимæ Польшæ æмæ æндæр европæйаг бæстæты ныхмæ. Мах карзæй æфхæрæм Уæрæсейы фарсы алы архайд, кæцы тæссагдзинад хæссы æмбæстагон цæрджытæн, инфраструктурæйæн æмæ уæлдæфон змæлды æдасдзинадæн» – ис фыст Польшæйы æттаг хъуыдтæгты министрады расидæны.
Министрад инциденты фæдыл Уæрæсейы фарсæй æмбарынгæнæн домы, сæрмагондæй, Польшæйы территорийыл дроны фæзынды уавæртæ æмæ аххосæгтæ.
Дрон æрхауд Польшæйы скæсæны хъæбæрхор быдыры 20 августы æхсæвы. Фæстæдæр Люблины регионалон прокурор Гжегож Трусевич загъта, зæгъгæ, дрон, æвæццæгæн, бацыд Польшæйы уæлдæфон тыгъдадмæ Белоруссийæ.