Ника  Мелиайæн депутаты æххæстбартæ  фæурæдтой
Ника Мелиайæн депутаты æххæстбартæ фæурæдтой

«Иууон Нацоналон Змæлды»  уæнг  Ника  Мелиайæн депутаты æххæстбартæ  фæурæдта.

Ника Мелиайæн   депутаты  æххæстбарты  æмгъуыдагъоммæ  фæурæды  фарстайæн  парламенты  пленарон  рабадтыл  хал цалдæр минуты размæ  сыппæрстой.

Депутаты æххæстбартæ   фæурдæн схъæлæс кодтой 88  депутат, ныхмæ та иунæг дæр не схъæлæс кодта.

Бакой уын кæндзыстæм, Тбилисы сахарон  тæрхондон  банкъ  «Картуйы»  аразгæйæ  фæкъотри кæныны  аххосагы хъуыддагыл зылынмæ лæвæрд, Никанор Мелиайы  зылынгæнæг  скуыддзаг  рахаста 2  декабры.

Ника Мелиайæн  æфхæрды хуызæй  стæрхон кодтой 25 000 ларийы  бæрц  ивар  бафидын. Уымæн афтæдæр  байстой,  бæрзонд пост бацахсыны бар   2  аз  æмæ 3  мæйæ.

Конституцимæ гæсгæ,   зылынгæнæг  тæрхоныскуыд  депутатæн   æххæстбарты фæуромын  бындурæй  гæнæн ис цæуа нымад.