Илиа Дарчиашвили – æддагполитикон уагдон архайы йæ къухты уæвæг алы фадæттæй, цæмæй фæсарæнты цæрæг æмбæстонтæн æнцонæй æмæ æнæкъуылымпйæ схъæлæс кæнын уа сæ бон
Демократон, уæгъдибар æмæ æхсæнадæмон стандарттæм æмбæлгæ æвзæрстытæ ауадзын у нæ хицауады сæйрагдæр приоритет æмæ рард, кæцыйы сыххæст кæнынæн цæуы активон бирæфарсон куыст, куыд закъонддæтæн æмвæзыл, афтæ æвзæрстыты администрирдзинад æрдгæй, уый нымæцы æддагполитикон уагдоны æмархайдæй – уый фæдыл фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили парламенты, интерпеляцийы уагæй дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Министр куыд банысан кодта афтæмæй, æддагполитикон уагдон æмкуыст кæны OSCE-ы æмбæлгæ иуæгимæ æхсæнадæмон цæстдарджыты æрхоныны нысанæн; афтæма централон æвзæрстгæнæг комиссиимæ цæуы алы уыцы фарстайы координацидзинад, кæцы ифтонг кæны фæсарæнты цæрæг нæ æмбæстонты æвзарæнон бары æххæстаргъджын реализацидзинад.
Илиа Дарчиашвилийы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры 2020 азы 23 апрелы №01-72 бардзырдæй бæлвырд «консуллон хыгъдыл сæвæрыны æмæ консулон хыгъдæй рацух кæныны уагмæ» æмбæлгæйæ, фæсарæнты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстгæтты консулон хыгъдыл сывæрыны нысан у фæсарæнты сæ барты, закъонон интересты хъахъхъæд æмæ консулон функциты эффективон сыххæст, кæцы йæ хъуыдыйы дары паддзахады æрдгæй бирæ барадон равгы лæггад.
Министр куыд банысан кодта афтæмæй, консулон хыгъдыл æмбæстæгты сæвæрын нæу æрмæст æвзарæнон бары реализацидзинадæн.
«Консулон хыгъды бæрæггæнæнтæй пайда кæнынц глобалон, регионон кæнæ бынæттон кризисон систуациты рæстæджы Гуырдзыстоны æмбæстæгты эффективон консулон хъахъхъæды ифтонгады æмæ сæ хъæуындзинæдтыл реагир кæныны нысанæн. Махæн уый цæвиттонтæ æнæиу хатт уыдис, уый ынмæцы глобалон пандемийы рæстæджы» – банысан кодта Илиа Дарчиашвили.