Гуырдзыстоны парламенты галуаны 16 апрелы æдасдзинады бургъуыз æмвæз архайдзæн
Гуырдзыстоны парламенты галуаны 16 апрелы æдасдзинады бургъуыз æмвæз архайдзæн

Гуырдзыстоны парламент 16 апрелы æдадсзинады  уæлæмхас мадзæлтты фæдыл   фидиуæн  публикаци кæны.

Парламенты куыд банысан кодтой афтæмæй, 16 апрелы   Гуырдзыстоны  парламенты  галуаны архайдзæн  æдасдзинады  бургъуыз  æмвæз.

«Гуырдзыстоны парламенты  галуаны  æдасдзинад бахъахъхъæды   уаг сфидар кæныны фæдыл» Гуырдзыстоны парламенты сæрдары   2023  азы  04 сентябры  N1/259/23 бардзырдмæ æмбæлгæйæ, цæугæ азы  16 апрелы  Гуырдзыстоны  парламенты  галуаны архайдзæн  æдасдзинады бургъуыз  æмвæз, –  визитортæн  арæнгонд уыдзæн парламенты галуанмæ бацыд.

Плангонд парламентон мадзæлттыл (уый нымæцы комитеты  рабадтытыл) уагъд уыдзысты æрмæстдæр æмбæлгæй  структурон  иуæгы  хуынд  уæнгтæ.   Арæнæвæрд нæ баххæсдзæн  телеуацхæссджыты/телемедиа фæрæзты аккредитацигонд журналистæм.

Фæнысангонд мадзæлтты нысан у Гуырдзыстоны парламенты галуаны  кусæн æмæ æдас уавæр  сифтонг кæнын», – дзырдæуы  Гуырдзыстоны  парламенты  фидиуæны.