Нидерландты фæсарæн хъуыддæгты министр оккупацион хаххы цур уыдис
Нидерландты фæсарæн хъуыддæгты министр оккупацион хаххы цур уыдис

Нидерландты  Паддзахады  фæсарæн хъуыддæгты  министр Стеф  Блокъ  Гуырдзыстоны Евроцæдисы  цæстдарæг миссимæ (EUMM) фæуазæг ис.  Информацийы хъусын кæны  Евроцæдисы   цæстдарæг  мисси.

Стеф Блокъ  фембæлдис  миссийы  кусæг  Нидерландаг  цæстдарджытимæ  æмæ   сын  бузныг  загъта  Евроцæдисы  цæстдарæг  миссийæн   регионалон æдадсзинад æмæ стабилондзинады  хъуыддаджы нысаниуæгджын   хайбавæрды тыххæй. Нидерландты  фæсарæн хъуыддæгты министр афтæдæр   æвæрццаг  аргъ  скодта  миссийы  æнæаскъуынгæ  тыхархайдæн  мониторингы æмæ   хыгъд лæвæрды гъæд  фæхуыздæр кæнынæн, кæцы  афтæдæр  æххæссы миссийы рдгæй  технологион фæрæзтæй пайдакæнынмæ.

«Æз тынг  мæт кæнын   администрацион  арæйнон  хаххы  дæргъмæ   сырæзт   уавæрæй  æмæ йæ  æндæвдадæй   бынатыл уæвæг  цæрджытыл.  Афтæмæй,   æз  хъæддых  йæ фарс  хæцын  Евроцæдисы  цæстдарæг  миссийæн, куыд цæстдарæг миссийы  йæ скъуыддзаггæнæг ролы сыххæсты  æмæ   конфликты  фарсыты æхсæн  æууæнк  сæндидзын кæныны», – райхъусын кодта   Нидерландты  Паддзахады   фæсарæн хъуыддæгты   министр Стеф Блокъ.