НАТО -  Уæрæсе дарддæр кæны Украина æмæ Гуырдзыстоны территорион  æнæхъæндзинад  халын, не ххæст кæны бирæнымæцон æхсæнадæмон  хæстæ
НАТО - Уæрæсе дарддæр кæны Украина æмæ Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад халын, не ххæст кæны бирæнымæцон æхсæнадæмон хæстæ

«Уæрæсе  дарддæр кæны  дестабилизацион архæйдты хъæддых модел æвдисын, уый нымæцы  Украина æмæ Гуырдзыстоны суверенитеты æмæ  территорион æнæхъæндзинад халгæйæ,  бирæнымæцон æхсæнадæмон  хæстæ æмæ сæ нымæцы   Будапешты меморандум халын, æнæсæххæст æмæ  сæ иувæрсты зилын» –  уый фæдыл дзырдæуы  НАТО-ы фидиуæны.

Уæрæсейы  дестабилизацигæнæг архæйдты  цæвиттонæн  альянс  афтæдæр æрхаста  НАТО-ы уæнг  бæстæты, сæ нымæцы  АИШ-ы æвзæрстыты процессы Уæрæсейы хифæтъыссыны  архайд,  дезинформацион  кампанитæ æмæ  знаггадгæнæг  кибер-архæйдтæ.

АИШ-ы   æмæ   НАТО-ы иннæ  уæнг бæстæты  аргълæвæрдмæ гæсгæйæ, америкаг   компани  «Соларвиндмæ»  бырстыл бæрн  æвæрд у  Уæрæсейы  Федерацийыл.

НАТО-ы  цæнгтæ  фауынц  уырыссаг оппозиционер  Алексей Навальныйы  ныхмæ  «Новичок»-ы  къорды  нервон парализгæнæг    буарадæй  архайын.

«Химикон хæцæнгарзæй цыфæнды архайд, кæцыфæнды уавæрты у  æхсæнадæмон барады   æргом  халын æмæ йæ ныхмæ  цæуы   химикон  хæцæнгарзы  фæдыл конвенцийæн.  Афтæдæр   мæтæфтауæг сты  хъусинæгтæ, ома Уæрæсе цырын кодта бырстытæ  Афгъанистаны АИШ-ы æмæ  НАТОзы   тыхты ныхмæ» – дзырдæуы   альянсы  фидиуæны.

НАТО-ы  фидиуæнæй,   альянс зæгъгæ адарддæр кæндзæн  æмгуыстад  Уæрæсейы  архйдтытыл  реагиркæнынæн.

Альянс  сиды  Уæрæсемæ, æнæаргъæвгæйæ ныууадза  дестабилизацион митæ  æмæ  бахъахъхъæнæт  сæрмагонд æхсæнадæмон хæсист.  Афтæма  сиды  Мæскуымæ , цæмæй ныуадзæт  провокацитæ  æмæ æнæаргъæвгæйæ  деэскалаци скæна   Украинайы  арæнты æмæ анексиргонд Хъырымы.

Альянсы афтæдæр банысан кодтой, цæмæй  НАТО гом у Уæрæсеимæ даилогмæ  æмæ  конструктивон  ахастытæм,  Уæрæсейы  архæйдтæ  уый фадат куы ратдзысты уæд.