НАТО-йы  генералон нымæрдар  Йенс Столтенберг Гуырдзыстонмæ æрцыд
НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг Гуырдзыстонмæ æрцыд

НАТО-йы  генералон нымæрдар  Йенс Столтенберг Гуырдзыстонмæ æрцыд.  Столтенбергы  хæдтæхæг Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты цалдæр минуты размæ  æрбадт.

Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ,  Столтенберг  Тбилисы официалон фембæлдтæ  сом  райдайдзæн.

25 марты  къурисæры  НАТО-ы   генералон  нымæрдар  хицауады  администрацийы  фембæлдзæн Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзеимæ, цæй фæстæдæр   медийы минæвæрттæн иумæйаг фидиуæнтæ  сырæздзæн.

Афтæдæр  палангонд у  Йенс Столтенбергы  фембæлд Гуырдзыстоны  президент  Саломэ Зурабишвилиимæ  æмæ  Гуырдзыстоны парламенты   сæрдар Ираклий Къобахдзеимæ.

Визиты  фæлгæтты  Йенс СТолтенберг  «НАТО-Гуырдзыстоны  иумæйаг  ахуыры æмæ аргълæвæрды  центрмæ»  (JTEC)   дæр бацæудзæн.