«Националон Змæлд» уæнгтæ Ника Мелиайы фарсхæцынæн автоколоннæйæ акци-цыд сарызтой
«Националон Змæлд» уæнгтæ Ника Мелиайы фарсхæцынæн автоколоннæйæ акци-цыд сарызтой

«Националон Змæлд» уæнгтæ Ника Мелиайы фарсхæцынæн  Республикæйы  Фæзæй  Руставы  ахæстоны онг автоколоннæйæ   акци-цыд сарызтой.

Акцийы   хайадисджыты   фидиуæнæй,   абоны  акцийы  нысан у, Ника Мелиайы фæныфсджынкæнын æмæ  йæ  æнæзаконон ахст спротест кæнын.

«Националон Змæлды»  лидерты фидиуæнмæ гæсгæ,   Мелиа зæгъгæ  цъынды бафидын  нæ  хъавы æмæ се ркуырд у, цæмæй  йæ  ахæстонæй   æнæуæлдайныхасæй  ссæрибар кæной.

Заал Удумашвилийы  дзырдæй,   сегасдæр цырд механизм, цæмæй  Ника Мелиа ахæстонæй рацæуа,  у  прокуратурæ  æфхæрдыл мадзалы, ахст аива.

«Хъыгагæн, хицауад  ацы къахдзæф нæ аразы  æмæ ныр  ныхас цæуы «амнистийы фæдыл» законыл, фæлæ  ацы законмæ дæр тынг арæхсгай  ахаст хъæуы.  Ацы  законы  кæсыны   мах  хайад нæ исæм, уымæн æмæ æнæ позици у, цæмæй   цалынмæ Ника Мелиа  нæ рацæудзæн,  уæдмæ  мах ницы бадзырдыл  на  ныхас кæнæм  хицауадимæ.  Тох адарддæр уыдзæн кæронмæ.  Хицауады  куыд фæнды,  уыцы   формулировкæйæ  Мелиа  ахæстонæй нæ рацæудзæнис», –  райхъусын кодта  Удумашвили.