«Националон Змæлд» Тбилисы  районон организациты уæнгты фылдæры ай  ныууагъдтой
«Националон Змæлд» Тбилисы районон организациты уæнгты фылдæры ай ныууагъдтой

 

Бесо Газделиани хъусын кæны,  цæмæй «Националон Змæлд»Тбилисы районон организациты уæнгты фылдæр хай  ныууагъдтой. Уый фæдыл  уыдон специалон брифингыл райхъусын кодтой.

Газделиани куыд райхъусын кодта афтæмæй,  Хабеишвили  æнæформалон  фæткдæттынадæй «Националон Змæлдæн»  алы  аргъдзинад  фесæфта.  Уый брифингыл  Михеил Саакашвилимæ  дæр раздæхт æмæ загъта,  цæмæй раздæры  президенты æмбæлттæй  баззаййдзысты.

Уыимæ  Давит Лагвилавайы фидиуæнæй,   «партийы менеджменты  айтынггонд фæзындтæй фæбæрæг ис, цæмæй абон,   хъыгагæн,  ницауыл  баззайдзæн, «Националон Змæлдæй».  Афтæма йæ  дзырдæй,  уыдон Ника Мелиайы  ног  партимæ баиу уыдзысты.

«Абон партийы цы уавæр ис –   кланæй архайд, æхгæддзинад, æнæформалон  фæткдæттынад, хъауджы хъуыды кæмæ ис, критиконæй  чи хъуыды кæны  ахæм адæймæгты  партийæ феддæдуаркæнын, уый тыххæй  рахастам уынаффæ, ныууадзæм  «Иугонд Националон Змæлд»  уымæн æмæ  нæ  хъуыдымæ гæсгæйæ, абон «Националон Змæлд» нал у эффективон  мæцъис  абоны уырыссаг режим басæттынæн.

Æнæмæнгæй хъавæм  ног  партимæ бахизын, кæцы бындурæвæд уыдзæн æввахс фидæны Ника Мелиайы  къухдариуæгадæй  æмæ растдæр ацы партийæ   хъавæм  аккагæй,  рæстдзинадæй, æнæхатырæй  тох  адарддæр кæнын», –  банысан кодта Давит Лагвилава.