Михеил Саакашвили – диссаджы фарсхæцын мын  ис, Навальныйы нымайын хъайтарыл,  фæлæ Уæрæсейы  нырма уый бæрц  фарсхæцынад нæй
Михеил Саакашвили – диссаджы фарсхæцын мын ис, Навальныйы нымайын хъайтарыл, фæлæ Уæрæсейы нырма уый бæрц фарсхæцынад нæй

Мæ  хъуыдымæ гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад  ацы азы  цыфæнды  цауы   уыдзæн ивд, сæрмагондæй мæхæдæг æмæ  мæ политикон тых   нæхи бацæттæ кæндзыстæм,  хъуыддаг кæронмæ бакæндзыстæм, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны раздæры президент, Михеил Саакашвили  «Дойче Велле»-ы  уырыссаг редакциимæ  интервьюйы загъта.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ,  Гуырдзыстоны  цыфæнды цауы  ацы хицауад æрцæудзæн ивд.  Уыдон нын адавдтой нæ æвзæрстытæ, фæлæ  стæй  хъуыддагмæ  бахызтысты   европæгтæ.  Къухбафыст уыд   бадзырд, кæцы  æххæстаргъджынæй нырма æгæр  дард лæууы, фæлæ  кæцы  систа  референдумы  фарст,  практиконæй  хицауады  ивды  фæдыл ацы  азы фæззæджы.  Уый тыххæй  æнхъæлын, цæмæй  сæрмагондæй  æз æмæ  мæ политикон  тых, нæхи бацæттæ кæндзыстæм, кæронмæ бакæндзыстæм хъуыддаг, æмæ нæ хъавæм  уыдонæн  бæстæ  скуынæг кæныны  фадат раттын», – райхъусын кодта Саакашвили.

Уыимæ иумæ, Саакашвили   дзуапп ратта  фарстыл, зæгъгæ ис гæнæ æви нæ, хицауад йæ ныхмæ архайа афтæ  куыд Уæрæсейы  оппозиционер  Алексей  Навальныйы ныхмæ архайынц.

«О, фæлæ  Уæрæсейæ  хъауджы, гуырдзиаг   адæм æгъгъæд мобилизацигонд сты. Диссаджы фарсхæцынад мын ис. Навальныйы  æз хъайтарыл нымайын. Нырма айбæрц фарсхæцынад Уæрæсейы нæй, фæлæ  цыдæр рæстæгмæ  уый  фæзындзæнис  кæд  Навальны  аирвæрздзæн, уæд.  Уымæ нæкæсгæйæ, цæмæй   политикæн аргъ  скæнын æндæр æмæ æндæргъуызон ис гæнæн  æмæ  дзы уымæй  хъыгаг цыдæртæ хъуыды кæнын,  æмтгæй  райсгæйæ,  уый у  хъайтардзинады  символ  æмæ  ахæм адæм  цъус сты  æмæ сын æххуыс кæнын  у  æнæмæнгхъæугæ», –  райхъусын кодта  Саакашвили.