Мамука Бахтадзе - Дæ фыдыбæстæйы  æфсæддон  уай, у сегасæй  цытджындæр  хæс,   сæрмагонд  бузныг  уын дзурын алкæцыйæн
Мамука Бахтадзе - Дæ фыдыбæстæйы æфсæддон уай, у сегасæй цытджындæр хæс, сæрмагонд бузныг уын дзурын алкæцыйæн

Дæ фыдыбæстæйы  æфсæддон  уай, у сегасæй  цытджындæр  хæслæвæрд  æмæ сымах  аккаг  æххæст кæнут ацы хæс,  цæй  тыххæй дæр уын    сæрмагонд  бузныг дзурын –  ацы   ныхæстæй  баздæхтис  Гуырдзыстоны премьер-министр  Маумка Бахтадзе   хъахъхъæнынады  тыхты   бонмæ нывонд  бæрæгбойнон  мадзалы  хайадисæг æфсæддæттæм,  кæцытæн хъахъхъæнынады  тыхты  бон раарфæ кодта.

Мамука Бахтадзе   гуырдзиаг  æфсæддæтты  хъæддыхдзинадыл,  хивонддзинадыл  æмæ  æхсардзинады æрдæм раздæхта йæ хъусдард  æмæ  банысан кодта, цæмæй  гуырдзиаг æфсад   хæдбар æмæ  демокративон  Гуырдзыстоны арæзтады  хъуыддаджы,  сегасæй егъау дæр хайбавæрд скодта.

«28 аз у,  гуырдзиагæ  гарзджын тыхтæ архайынц æмæ  авцйы  28 азы æфсæст уыдысты   быцæусидтытæй  Гуырдзыстонæн.  Сымах   сегасæй  стыр  хайбавæрд кæнут  Гуырдзыстоны æнтысты  уыцы  фæндагыл,  кæцы  хуыйны  нæ   европаг æмæ  евро-атлантикъон  интеграци» –  райхъусын кодта Премьер.

Мамука Бахтадзе  сæрмагонд  кадгæнгæйæ  æрымысыд  бæстæйы территорион иудзинадæн  æмæ  æхсæнадæмон мисситы  фæмардуæвæг æфсæддæтты.

«Нæ  хъайтар  æфсæддæттæ  сæрмагонд цæрæнбон снывонд кодтой  фыдыбæстæйæн,  йæ сæрибардзинад æмæ  джелбетæн, сæ кой æнæфесафгæ у.  Мæ сæр æркъул кæнын  сæ бинонты раз æмæ æнусон кад  сæ нæмттæн» – райхъусын кодта Мамука  Бахтадзе.

Премьер-министр  хъахъъхæнынады   тыхты  бон сæрмагондæй раарфæ кодта  ветерантæн  æмæ  æхсæнадæмон мисситы  хайадисæг  æфсæддон гæстæн.

«Нæ партнер æмæ   хæлар  бæстæты  æфсæддæтты фæрсæй фæрстæм уыдон дунейы  сабырдзинад хъахъъхæнынц.  Мах  стыр аргъ  кæнæм  се сгухтдзинадæн æдас  дунейы  тыххæй æмæ   хъал стæм уымæй,  цæмæй  гуырдзиаг æфсæддæттæ  сæ  ном скодтой,  куыд хинывондгæнæг  æмæ æнæсæттон   хæстонтæ.   Кæцыфæнды нацийы  æмæ  бæстæйы  паддзахадон  хъуыдыйы  барæн уымæй  вæййы,  цæмæй  цахæм ахаст дары  йæ æфсадмæ  æмæ æфсæддонмæ,  уыцы  æмбæстæгты  æрдæм,   кæцытæ  сæрмагонд царды   аргъæй  хъахъхъæнынц Гуырдзыстоны суверенитет, сæрибардзинад, джелбетт æмæ æдасдзинад»-  банысан кодта  премьер-министр.