Ллойд Остин – Гуырдзыстон нын  критиконæй  нысаниуæгджын регион у, ам уый  тыххæй дæн, цæмæй  бауырнын  кæнон Гуырдзыстон æмæ  Дуне,  цæмæй  нын ис  диссаджы  ахастытæ
Ллойд Остин – Гуырдзыстон нын критиконæй нысаниуæгджын регион у, ам уый тыххæй дæн, цæмæй бауырнын кæнон Гуырдзыстон æмæ Дуне, цæмæй нын ис диссаджы ахастытæ

Гуырдзыстон  нын критиконæй ахсджиаг регион у, ам  уый тыххæй дæн, цæмæй   бауырнын кæнон Гуырдзыстон æмæ  дуне  диссаджы ахастытæ  нын кæй  ис, –  уый фæдыл АИШ-ы хъахъхъæнынады  нымæрдар Ллойд Остин  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министр  Джуаншер Бурчъуладзеимæ  иуæймаг  пресс-конференцийыл  райхъусын кодта.

Ллойд  Остин дзуапп ратта «CBS News»-ы  журналист фарстæн, цæмæй зæгъгæ  цы  уыд  йæ нысан  ацы визитæн.

«Гуырдзыстонмæ мæ визиты нысан у  партнерты  бауырнын  кæнæн  æмæ базонын кæнын.   Ацы регион нын у  критиконæй  нысаниуæгджын.  Ис нын  интерес, ис  иумæйаг  аргъдзинæдтæ,  уынæм  бирæ  фадæттæ æдасдзинады сферæйы æмкуысткæнынадæн.  Ам уый тыххæй дæн, цæмæй   бауырнын кæнон,  базонынкæнон  уыцы стыр аргъдзинад, кæцы  дæттæм нæ  партнерадæн», – райхъусын кодта Ллойд Остин.

Уыимæ иумæ Ллойд Остин  пресс-конференцийыл  фæныхас кодта  Ирак æмæ  Афгъанистаны операциты Гуырдзыстоны  хайбавæрдыл дæр.

«Бахахх кæндзынæн критикон роль, кæцыйы Гуырдзыстон сыххæст кодта  махæн æххуысы  хъуыддаджы  махимæ иумæ.  Службæ кодтон Ирак æмæ Афгъанистаны. Мæ бон у зæгъын мæхи  фæлтæрддзинадæй, цæмæй  Гуырдзыстонæн диссаджы æфсæддæттæ  ис. Гуырдзыстонæн æцæгдæр ис  бар, сæрыстыр уа  йæ хайбавæрдæй, йæ æфсæддæттæй, фæлæ  зондзыстут, æрмæст ацы дыууæ хæстæй бæрæг  не сты  нæ ахастытæ.   Ис нын иумæйаг интерестæ,  кæцытыл  кусын  адарддæр кæндзыстæм, стынг  кæндзыстæм фидæнон   партнерад. Ноджы та мæ фæнды  бауырнын кæнон Гуырдзыстон æмæ  Дуне,  цæмæй  нын ис  диссаджы  ахастытæ», –  райхъусын кодта  Ллойд Остин.