Ллойд Остин – Америкæйы сигнал  Дунемæ у уый, цæмæй  Украинайæн  æххуысы æрдгæй стæм иугонд,  фауæм Уæрæсейы æнæраст  бырст Украинамæ
Ллойд Остин – Америкæйы сигнал Дунемæ у уый, цæмæй Украинайæн æххуысы æрдгæй стæм иугонд, фауæм Уæрæсейы æнæраст бырст Украинамæ

ФауæмУæрæсейы æнæпровоциргонд  æмæ æнæраст  лæбурд Украинамæ  æмæ дарддæр кæнæм   Украинайæн æххуыс –  уый фæдыл  АИШ-ы  хъахъхъæнынады нымæрдар, Ллойд Остин, НАТО-йы  хъахъхъæнынады министериалы  размæ, аляьнсы   генералон   нымæрдаримæ  иумæйаг брифингыл  райхъусын кодта.

Ллойд Остины дзырдæй,  зæгъгæ коллективон  хъахъхъæнынады фæдыл  Вашингтоны   хæсист æнæфæцудгæ у.

«Арфæгæнæг  уæ дæн хъæддых лидердзинадæн. Мах аргъ кæнæм  уæ лидердзинадæн   сæрмагондæй  та  ахæм рæстæджы.   Нæ бон бацис цырд  уынаффæтæ  рахæссын. Америкæйы сигнал   Дунемæ  у уый, цæмæй  иугонд стæм дунеимæ Украинайæн æххуысы  æрдгæй.  Фауæм  Уæрæсейы æнæпровоциргонд  æмæ æнæраст  лæбурд Украинамæ  æмæ дарддæр кæнæм   Украинайæн æххуыс. Украинайæн ис  легитимон  æмæ  суверенон  хицауад.  Бæрæг у,  æххуыс  сын кæнæм сæ  фадæттæн  хииргъæфы æрдгæй.  Адарддæр кæндзыстæм уыдонæн æххуыс. Æргомæй  дзурæм, цæмæй НАТО-йы  фæндзæм  статийы  æрдгæй  нæ хæсист у  æнæфæцудгæ  æмæ  йæ мах   сыххæст кæндзыстæм. Бузныг  уын  лидердзинады тыххæй  æмæ бузхныг  æмцæдисонтæн алкæмæн,  ома  иугонд  стæм Украинайæн æххуысы   фарстайы  фæдыл» –   банысан кодта Ллойд Остин.