Линас Линкæвичус - Курæг стæм  æхсæнадæмон дзыллæйæ, алы  амæлттæй  бацархайæт, цæмæй  æхсæнадæмон  хæдбар  цæстдарæг механизмтæн рæувадат уа  уыцы  территоритæм бацыд,  кæцыты  оккупаци скодта Уæрæсе
Линас Линкæвичус - Курæг стæм æхсæнадæмон дзыллæйæ, алы амæлттæй бацархайæт, цæмæй æхсæнадæмон хæдбар цæстдарæг механизмтæн рæувадат уа уыцы территоритæм бацыд, кæцыты оккупаци скодта Уæрæсе

Курæг стæм  æхсæнадæмон дзыллæйæ,  алы  амæлттæй  бацархайæт цæмæй Уæрæсе  тыхыбын бауа, йæ оккупацигонд  Украина æмæ Гуырдзыстоны  территоритæм цæстдарæг  механизмты бацыд  сифтонг кæна – уый   фæдыл  Лиетувæйы   фæсарæн хъуыддæгты  министр Линас Линкæвичус   райхъусын кодта  ИНО-йы   адæймаджы барты  советы 43-æм сессийы  дзырдæй ралæуды рæстæджы.

Лиетувæйы фæсарæн хъуыддæгты  министры дзырдæй,  хæдбар  цæстдарæг  еханизмыл  нæзагъд,  куылымпы кæны Ино-йы  куыст.

«Инойы  куысты  механизм  у  сабырады, адæймаджы  барты,  рæстдзинады  хъахъхъæдад  æмæ   гллобалон  социалон прогрессы  ифтонгад.  Фæнды мæ райхъусын кæнын, цæмæй  мæ  бæстæ   хъæддых йæ фарс хæцы  ИНО-йы   адæймаджы  барты  иуылбæрзонд комиссары  æмæ йæ  офисы  мандатæн,  æмæ  хæдбардзинадæн.  Курæг стæм бæстæтæй, алы  амæлттæй  бацархайæт, цæмæй  æхсæнадæмон  хæдбар  цæстдарæг механизмтæн рæувадат уа  уыцы  территоритæм бацыд,  цы ран системæйы  хæлынц  адæймаджы бартæ, уый  нымæцы  Украина æмæ Гуырдзыстоны территоритыл,  кæцыты  оккупаци скодта Уæрæсе. Бацыдыл нæзагъд,  куылымпæ кæны  ИНО-йы  куыст.  Хъуамæ нæм уа  фылдæр æууæнк  нæхæдæг   цы  механизмтæ  сарызтам  уыдоны æрдæм» –  райхъусын кодта  Линас  Линкявичус.