Ларийы къурсы тыххæй, Националон Банкъ  публикаци  кæны  фидиуæн
Ларийы къурсы тыххæй, Националон Банкъ публикаци кæны фидиуæн

Гуырдзыстоны  Националон Банкъ  публикаци скодта фидиуæн,  ларийы  къурсы тыххæй.

«Валютæйы  ивды  къурс  у   автоматон  стабилизатор  æддæ   шокты рæстæджы.  Ацы  уавæрты  ивды  къурсы  фæаслам  æххæст кæны  «шокъы цъирæг»  механизмы роль.  Фæасламы  фæстиуæгæн,   цасдæр рæстæджы  фæстæ, фæкъаддæр вæййы  импорт æмæ/кæнæ райрæзы экспорт.  Цас цырддæр  сырæздзæн   валютæйы  къурсы  коррекци, уый йас  къаддæр уыдзæн   негативон  эффект экономикæйæн, æмæ уый тыххæй  дæр,  къаддæр фæаслам бахъæудзæн.  Националон Банкъ  ахæм периоды   фæсарæйнаг валютæ  куы ауæй  кæна, уымæй  æрмæст  валютæйы къурсы  кореекцийы  рæстæг  ахæцдзæн,  фæарфдæр уыдзæн   шок æмæ  фылдæр фæаслам уыдзæн   къурс (æндæр æмæ æндæр азты   дæнц: Азербайджан, Казахтан, Уæрæсе, Украина).

Лæвæрд этапыл  бæлвырд прогнозтæ саразын зын у, фæлæ   фыццагон  бахыгъдмæ гæсгæйæ,    Уæрæсейы  туристон   къадайы  фæкъаддæры  æндæвдад Гуырдзыстоны  экономикæмæ аххæсдзæн  200-300  АИШ-ы милуан  доллармæ, афæдзы баззайгæ  периоды дæргъы. Ацы  æддагон шок  бандавдзæн  фидтонон  балансмæ, æмæ  уый тыххæй дæр валютæй къурсмæ…» – дзырдæуы  НАционалон банкъы  фидиуæны.

Афтæма, Националон Банкъ  прогноз дæтты,  цæмæй  æнæкæсгæ  уæрæссейаг шокмæ,  Гуырдзыстоны фидтонон  баланс,  афæдзы  фæстиуджытæй  фæхуыздæр уыдзæн ивгъуыд  азтимæ абаргæйæ.

Нацбанкъ   ноджы иу  хатт æрсидтис   æмбæстæгтæм,  цæмæй кредиттæ исой  уыцы  валютæйæ,  кæцыйы дæр сæм æфты  æфтиæгтæ.

«Иурæстæгонæй, ноджы иу  хатт сбæлвырд ис, цæмæй   долларизацийы  фæныллæг кæныны политикæ æмæ   бæрнон  кредитлæвæрды  принципты  скусын кæнын, уыдысты   раст æмæ афоныл   рахæсгæ  уынаффæ» –   дзырдæуы фидиуæны.