Киевы  телекъанал  «112 Украина»-ы  бæстыхайыл   гранатææхсæгæй  фехстой
Киевы телекъанал «112 Украина»-ы бæстыхайыл гранатææхсæгæй фехстой

Киевы  телекъанал  «112 Украина»-ы  бæстыхайыл   гранатææхсæгæй  фехстой. Уый тыххæй   хъусын кæны  Украинайы  сæйраг сахары пъæлицæй.  Инциденты  фæстиуæгæн   ничи фæзиан ис. Барадхъахъхъæнæг уагдон æрцæугæйы  схуыдта  террористон  бырстæй.

Бæрæг куыд у афтæмæй,   Киевы пъæлицæймæ срæмыгъды  тыххæй  хъусинæгтæ бынæттон  рæстæгæй, сæумæрайсомы  03:40  сахатыл  бацыд.  Бынатмæ  бацыды фæстæ та,  барадхъахъхъæнджытæ  федтой  телекъаналы  зиангонд   бæстыхай.

Æвдисæнты  хъусинагæй,   бæстыхаймæ  дыууæ фыдгæнæг бабырста. Æхсты фæстæ  уыдон   бынатæй  алыгъдысты.   Ныр барадхъахъхъæнджытæ  фыдгæнджыты агурынц.

Номдзыд украинаг блогер Антон Ходза, телекъаналмæ бырсты  хоны  плангонд провокацийæ.   Йæ ныхæстæм гæсгæ,   факт уыд, абонмæ  плангонд демонстраци  фæкъуыхцы кæныны  архайд.

Абон телекъанал  «112 Украина»-ы  цур  сабырадон демонгстраци у  плангонд, кæцы  Оливер Стоуны  фильмимæ у баст.  Фильм «Ссарæм Украинайы»  сæйраг комментаторæй Путины æмцæдисон æмæ  про-уырыссаг  Виктор Медведчук  у бавдыстгонд.