Уæрæсе  æхсæвы дæргъы  Киевыл æнæпилот тæхæн аппараттæй масштабон   уæлдæфон бырст  сыххæст кодта
Уæрæсе æхсæвы дæргъы Киевыл æнæпилот тæхæн аппараттæй масштабон уæлдæфон бырст сыххæст кодта

Уæрæсе æхсæвы дæргъы   Киевыл  æнæпилот тæхæн аппараттæй  хæст райдаыны фæстæ  сеппæтæй  масштабон   уæлдæфон бырст  сыххæст кодта. Горæты мэр Виталий  Кличкойы   информацийæ,   бырсты  фæстиуæгæн ис амæттаг,  амард 41  аздзыд нæлгоймаг иу сылгоймаг та фæцæф ис.

Украинайы   гарзджын тыхты  информацийæ,  æхсæвы дæргъы  Уæрæсейæ  Киевы æрдæм  54  «Камикадзе»  дрон  ауагъдтой, уыдонæй  52   украинаг æфсæддæтæ    сæнæзианхъом кодтой.

Бырсты фæстиуæгæн базиан ис цалдæр бæстыхай.