Киевы ракетон бырсты фæстиуæгæн дыууæ  адæймаг  амард
Киевы ракетон бырсты фæстиуæгæн дыууæ адæймаг амард

Киевы ракетон   бырсты  фæстиуæгæн  дыууæ адæймаг  амард. Инцидент Святошинскы  районы  æрцыд,  цы ран   сармадзаны нæмыгы æрхауды фæстиуæгæн   фæзындис сыгъд.

Ивгъуыд æхсæвы  дæргъы, уырыссаг оккупацион тыхтæ   бомбæкалд сыххæст кодтой Сумыйы зылды  цæрæн  рæттыл дæр.  Бырсты нысан  ссис  Никопол дæр, цы ран æхсæз адæймаг  фæцæф ис.

Афтæма спырхыты   гуыпп   хъуыстис Харьковы, Херсоны æмæ Миколаивы.

Уæлдæфон    бырсты  фæстиуæгæн эенергетикон   инфраструктурæ  базиан ис Одессæйы, уæлдæфон фæдис ис  Черниговы  зылды дæр.