Иу афæдзы фæстæ Киев лæууы æмæ Украина лæууы, Демократи лæууы, – ацы ныхæстæ Украинамæ визитæй уæвæг Америкæйы президент, Джо Байден загъта.
«CNN»-ы хъусинагæй, Америкæйы Иугонд Штатты президент Украинайæн уæлæмхас æрдæг миллиард доллары бæрц æххуыс баныфсвæрдта.
Медиайы информацийæ, Украинаг коллегæимæ фембæлды рæстæджы Джо Байден райхъусын кодта, цæмæй æххуысы ног пакеты уыдзæн æфсæддон ифтонггæрзтæ, хæстæрмæджытæ, фылдæр «Джавелинтæ» æмæ гаубицæтæ.
Украинамæ Уæрæсейы бырсты фæстæ Джо Байден Киевмæ фыццаг хатт ныццыд.