Хицауады  æмæ оппозицийы минæвæрттæ фæсарæйнаг дипломаттимæ  абон  радон фембæлд сараздзысты
Хицауады æмæ оппозицийы минæвæрттæ фæсарæйнаг дипломаттимæ абон радон фембæлд сараздзысты

Абон фысымуат  «Шератоны» фæсарæйнаг  дипломаттимæ иумæ, хицауады  æмæ  оппозицийы   минæвæртты æхсæн дыккаг  фембæлд сырæздзæн.

Фыццаг  фембæлд  30  ноябры  ацыд.  Хицауады  минæвæрттæ хъусын кæнынц,  цæмæй   дипломативон корпусы цытæн  сразы  сты  се нхъарæнимæ  æмæ  фембæлдимæ.

Радон фембæлдыл   касты  сæйраг темæ  æвзарæнон системæ  уыдзæн.   Оппозици   а.х.  немыцаг  моделмæ гæсгæ  бакуыст  æвзарæнон системæйы æрбайсын домы.   Хицауады  та хъусын кæнынц цæмæй   фæнысангонд   модел  Гуырдзыстоны  конституцимæ æнæмбæлон у.

«Æнæфæцудгæйæ баззадис нæ позици, цæмæй  «немыцаг модел»  антиконституцион у æмæ   уый фæдыл  дебаттæ  нал ацæудзæн» –  райхъусын кодта   вице-премьер,  юстицийы  министр   Тея  Цъулукиани   фыццаг фембæлды  фæуды  фæстæ.

Æнæкæсгæ уымæ  куыд  хицауады  афтæ оппозицийы   минæвæрттæ  радон  фембæлдмæ цæттæдзинад равдыстой.   Диалогы   адарддæр кæныны  инцииатор у  дипломативон   корпус.

Ацы  этапыл  бæрæг нæу,  конкретонæй   чи уыдзæн  абоны  фембæлдыл,  кæцы  18:00  сахатмæ у   плангонд.