Хæцæнгарзы ауæйыл арæнæвæрд сбæлвырды  цауы, Турк Вашингтонмæ æртъхъирæн кæны дзуаппон мадзæлттæй
Хæцæнгарзы ауæйыл арæнæвæрд сбæлвырды цауы, Турк Вашингтонмæ æртъхъирæн кæны дзуаппон мадзæлттæй

Турк  АИШ-æм  æртъхъирæн кæны дзуаппон мадзæлттæй,   кæд æмæ Вашингтон  Анкарайæн хотыхтæ   бауæй кæныныл  арæнæвæрд  сфидар кæндзæн.

Турчы  фæсарæн хъуыддæгты  министр  Мевлут  Чавушогълыйы ныхæстæм гæсгæ,   АИШ-ы  минæвæртты  палатæйы  уæнгты æнхъарæн,  ома Туркæн  хæцæнгарзы  ауæй  рстæгмæ  урæд  æрцæуа,  æнæраст, æнæлогикон æмæ цæгат-атлантикн альянсы  æмцæдисонтæн æнæмбæлон у.

«Фидæн къуырийы   АИШ-æм ацæудзынæн, цы ран  зæгъдзынæн, цæмæй Туркæн  F-35 рауæйыл  арæнæвæрд,  нæрайсгæ у.  Кæд  ай уæддæр æрцæудзæн,  уæд   йын æмбæлон дзуапп уыдзæн» – дзуры  Чавушогълу.

Амеркиаг конгрессменты хай  хъусын кæнынц,   цæмæй  Туркæн арæнæвæрдтæ  хъуамæ сæблвырд уой,  америкаг пасторы,   Эндрю Бренсоны  æрцахсты тыххæй.  Афтæма, Вашингтоны  мæсты сты  Анкараы  уынаффæйæ,  кæцым гæсгæ  дæр, Турк  хъавы Урæсейæ балхæна  С-400-ы  типы  ракетон комплекстæ.