Каха Каладзе -  политиктæ нæ зæрдыл хъуамæ дарæм, цæмæй  хуымæтæг адæймæгтæй хъауджыйæ ныл дыууæхаттонæй фылдæр бæрн ис
Каха Каладзе - политиктæ нæ зæрдыл хъуамæ дарæм, цæмæй хуымæтæг адæймæгтæй хъауджыйæ ныл дыууæхаттонæй фылдæр бæрн ис

Политиктæ  нæ зæрдыл хъуамæ дарæм,  цæмæй ныл дыуухаттонæй  фылдæр бæрн ис, хуымæтæг адæймæгтимæ абаргæйæ,  ницы  уæлдай  у, хицауады дæ æви оппозицийы, уымæ æмбæлонæй,  закъоны фæлгæтты  алчи хъуамæ  ратта дзуапп –  уый тыххæй  сæйраг сахары мэр Каха Каладзе райхъусын кодта.

Каладзе куыд банысан кодта афтæмæй,   алы  адæймаг, фæнды Ника  Мелиа кæнæ  кæцыфæнды æндæрæн, кæцы истæмæй аххосджын у, дзуаппмæлæвæрд хъуамæ æрцæуа æмхуызонæй.

«Нæ зонын,  прокуратурæйы  æмæ тæрхондоны уынаффæтæм мæхи фæтъыссын  раст нæ уыдзæн. Кæд исчи аххосджын у  дзуаппмæ лæвæрд хъуамæ æрцæуа.  Политиктæ  нæ зæрдыл хъуамæ дарæм,  цæмæй ныл дыуухаттонæй  фылдæр бæрн ис, хуымæтæг адæймæгтимæ абаргæйæ,  ницы  уæлдай  у, хицауады дæ æви оппозицийы, уымæ æмбæлонæй,  закъоны фæлгæтты  алчи хъуамæ  ратта дзуапп»- райхъусын кодта Каха Каладзе.

Фарстыл  конституцион  у æви нæ  архайæг депутатæн  уыцы арæнæвæрдтæ,  кæцы Ника Мелиайæн  сбæлвырд кодта  тæрхондон, Каладзе  райхъусын кодта: «раздæр куыд арызта  фидиуæнтæ, афтæ  кæны  ныр дæр, афтæ  ныхас  кæны  телеуынынадтимæ,  æз ницы  проблемæ  уынын».