Каха Каладзе -  компани «Систрайы»  уынаффæйæ, Чъавчъавадзейы проспектыл автобусты хаххытæ уыдзæн уынджы  астæу
Каха Каладзе - компани «Систрайы» уынаффæйæ, Чъавчъавадзейы проспектыл автобусты хаххытæ уыдзæн уынджы астæу

Æхсæнадæмон тендеры уæлахизгонд  францаг  компани  «Систрайы»   уынаффæйæ,  Тбилисы,  Чъавчъавадзейы проспектыл,  фæндаджы реабилитацийы  фæстæ,  автобусы   хаххытæ  фæндаджы астæу  уыдзысты.  Уый фæдыл  сæйраг сахары  мэр Каха Каладзе    фейсбуклайвы рæстæджы,  реабилитацион   куыстытæ   куы  абæрæг кодта уæд  загъта. Уымæ  æмблæгæйæ,  план кæны   æмбæлон инфраструктурæйы  саразын дæр.

«Компани «Систра»  кæцы  кусы   Чъавчъавадзейы  проспектмæ гæсгæ,  ахицæн кодта,  цæмæй  автобусты  хаххытæ   уа  уынджы  астæу. Уымæ  æмбæлæгйæ сырæздлзæн  хæъугæ  инфраструктурæ, лæууæнтæй,  зебра ахизæнтæй, цæмæй  адæймæгтæн  кæцытæ  автобусæй балц кæндзысты, сæ бон бауа фæндаджы иу кæнæ иннæ  фарсмæ  ахизын.

Цымидисон æнхъарæн у.  Афтæ  саразын хъуавынц, цæмæй  астæуæй уа  автобустæ  хаххытæ æмæ нын равдысто  куыд цæудзæн змæлд»- райхъусын кодта Каха Каладзе.

Тбилисы  мэры дзырдæй – Чъавчъавадзейы проспектыл, дыууæ фарсыл дæр сырæздзæн велосипеды  фæндæгтæ.

Ногдзинад у уый дæр, æмæ   уынгыл  бырон акалын гæнæн уыдзæн  зæххыбын  контейнерты, кæцытæ специалон  платформæйыл  уыдзысты фидаргонд  æмæ  уыдзысты æмбæхст.