Йенс Столтенберг- Уæрæсе архайы сыххæгты кантрол кæнын, Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ Украинæйы куыд  кæны афтæ
Йенс Столтенберг- Уæрæсе архайы сыххæгты кантрол кæнын, Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ Украинæйы куыд кæны афтæ

Уæрæсе архайы  сыххæгты кантрол кæнын,  уый Гуырдзыстоны, Молдовæ æмæ Украинйы куыд  фæбæрг афтæмæй –  уый фæдыл   португалиаг   телекомпанийæн лæвæрд интервьюйы  загъта НАТО-йы генералон нымæрдар, Йенс Столтенберг.   Столтенбергы интервьюйы   хайы  публикаци кæны «Дойче Велле».

«Мах  «уазал хæстæмæ»  нæ рыздæхтыстæм, фæлæ ацы рæстæджы   мах не стæм  Уæрæсеимæ стратегион партнерады  уавæрты, «уазал хæсты» фæуды фæстæ куыд архайдтам афтæ.   Проблемæ уый у, æмæ Уæрæсейы ахицæн кодта,  йæ  æндæвдады   сферæтæ сæндидзын кæнын,  архайы  сыхæгты  кантрол кæнын уый Гуырдзыстоны, Молдовæ æмæ Украинйы куыд  фæбæрг афтæмæй» – расидтис  Йесн Столтенберг.

Альянсы   генералон нымæрдары  ныхæстæм гæсгæ,   ног «уазал хæсты»  æмæ Уæрæсеимæ конфронтацийæ  хибахизынæн, НАТО хъуамæ равдиса  хъæддыхдзинад  æмæ  хъомысджын кæй  у уый.

«Нæдæр НАТО æмæ нæдæр  æз –  Уæрæсейы арæнгрон чысыл бæстæйы  цæрæг, никуы бафидаудзыстæм  уыййимæ, цæмæй Уæрæсейы   хуызæн  егъау паддзахадæн уа бар,  кантрол кæна   сыхаг бæстæтæ æмæ   сæвзæрын кæна æндæвдады  сферæтæ.  Уый тыххæй  мах хъуамæ  рацагурæм  исты рацæуæн  æмæ равдисæм,  цæмæй  хъæддых  æмæ   тыхджын кæй стæм  уый,  фæлæ  иурæстæгонæй   архайæм  деескалацимæ баххæссын  æмæ   конфротацийæ хибахизын,  афтæдæр Уæрæсейимæ   диалог райдайын,  цæмæй  ма æруадзæм  ног «уазал хæстæ»  æмæ  «хæстифтонгады ерыс»» –  загъта Йенс Столтенберг.