Эка Беселиамæ  генералон прокуратурæмæ фæсидтысты
Эка Беселиамæ генералон прокуратурæмæ фæсидтысты

Гуырдзыстоны  парламенты  депутат Эка Беселиамæ  генералон прокуратурæмæ фæсидтысты.  Уый фæдыл информацийы  прокуратурæ хъусын кæны.

Прокуратурæйы ахæлиугонд  фидиуæны  куыд дзырдæуы,  афтæмæй,   хъуыддаг æххæссы   Эка Беселиайы  куырдиæттæм,   сæрмагонд цардуагы  æвдисæг  сусæг ныффыстытæй  æндæр æмæ æндæр гоймæгтæм хъомыс дарын æмæ шантажмæ.

«Гуырдызстоны парламенты уæнг Эка Беселиа,  сæрмагонд цардуагы  æвдисæг   сусæг ныффыстытæй  æндæр  æмæ   æндæр  гоймæгтæм хъомыс дарын æмæ шантажы  фæдыл,  медийы  цы фидиуæнтæ сарызта, уыдон  тыххæй,   фæсидтыстæм  Гуырдзыстоны   генералон прокуратурæмæ.

Депутатмæ  фæдæвзарæг уагдонæй   знон фæдзырдтой, фæлæ  уый  райхъусын кодта,   цæмæй  цæугæ  къуырийы мидæн  прокуратурæмæ  бацæуынæн йæ  не вдæлы.

Эка Беселиа  банысан кодта, цæмæй  фæдæвзарæг  уагдонмæ бацæуыны датæ,  прокуратурæйæ   къуырисæры йæхæдæг фехъусын кæндзæн.

Уымæ æмбæлгæйæ дæр, ацы  этапыл   Гуырдзыстоны  прокуратурæ   хъаджджын у  фадатæй,  парламенты  уæнгæй   райса  уæлæмхас информаци æндæр æмæ æндæр   гоймæгтæм  сæрмагонд цардуагы æвдисæг   сусæг  ныффыстытæй  гæнæн  хъомысдарынад æмæ  шантажы фæдыл», – дзырдæуы  прокуратурæйы  фидиуæны.