Израилы æмæ Гъазæйы секторы хæцджытæ, æхсты фæурæды тыххæй æрныхас кодтой
Израилы æмæ Гъазæйы секторы хæцджытæ, æхсты фæурæды тыххæй æрныхас кодтой

Израилы æмæ Гъазæйы секторы  хæцджыты  æхсæн дыууæбонон   æфсæддон быцæудзинады  фæстæ,   Египеты æмæ ИНО-йы  æхсæны бацыдæй,  фæрстæ  æхсты  фæурæды фæдыл  æрныхас  кодтой.  Бадзырдмæ æнæкæсгæйæ, 6 майы  Хуссар Израилы  скъолатæ æхгæд уыдзысты.

Конфликты фоныл, ИЗраилы  фарсхæцæг  фидиуæнтæ сарызта  АИШ-ы президент Дональд Трамп  æмæ палестинæгтæм æрсидтис   ракетæтæ æхсын фæуромынмæ.  Дональд Трампы  дзырдæй,   Израилы  ныхмæ  сæххæст  террористон акттæ, палестинæгтæн æрмæстдæр æнамонддзинад æрхæсдзысты.

Ивгъуыд æхсæвы дæргъы, ракетæты  фæдисы  сигнал цалдæр хатт айхъуыст  Израилоы сахар  Ашкелоны.

4-5  майы  Гъазæйы  секторæй  Израилы  æрдæм 600  ракетæ  фехстой. ДЗуаппæн, Израил  Гъазæйы  секторы  320   мысаныл  æркалдта  бомбæтæ.  Уый фæстиуæгæн  Израилы цыппар æмбæстаг  фæхъуыд. Израилы  дзуаппон  бырсты фæстиуæгæн Гъазæйы секторы  23   адæймаг  фæхъуыд.