Ираклий Гъарибашвили - Раздæры хицауадæй нын нæ хай  фæци   иттæг вазыгджын  уавæр æдасдзинады æрдгæй
Ираклий Гъарибашвили - Раздæры хицауадæй нын нæ хай фæци иттæг вазыгджын уавæр æдасдзинады æрдгæй

Гуырдызыстоны   хъахъхъæнынады  министр Ираклий Гъарибашвили   парламенты  «министры сахаты» фæлгæтты  дзырдæй  ралæуды  рæстæджы, оккупацийы  тыххæй  фæныхас кодта æмæ  банысан кодта, ома уæрæсейаг    оккупаци  Гуырдзыстоны  раз лæууæг   сегасдæр сæйраг æртъхъирæн у.

«Раздæры хицауадæй нын нæ хай  фæци иттæг вазыгджын  уавæр æдасдзинады æрдгæй æмæ  æрвылбойнонæй   тыхыбын стæм  а.х. бордеризацийæн исты  схос кæнын.  Регионы  нысаниуæгы  фоныл  бæрæг кæнынц Гуырдзыстоны раз, афтæ куыд æнæхъæнæй  регионы æдасдзинады æрдæм цæугæ   комкоммæ æмæ  фæрссаг  æртъхъирæнтæ, кæцыты  превенцийæн, сæрмагонд нысаниуæг ис  æвзыгъд æмæ эффективон   иргъæвон  фæрæзты  уæвынадæн. Сау Деджыз  Кавказы   регионы  милитаризаци æмæ уым  лæууæг   Уæрæсейы  нырыккон  уæлдæфон, деджызон, сурзæххон  компоненттæй  формиргонд арæнгонд бацæуæн зонæтæ,  нысаниуæгджынæй  зынвадат  кæнынц  регион æнæхъæнæй  ныгуылæнæн   æфсæддон-политикъон цæстæнгасæй», –  райъхусын кодта  Гъарибашвили.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæ,  иттæг  нысаниуæгджын æртъхъирæн  у Гуырдзыстоны  арæнтæм хæстæг  бæрзонд дырысдзинады  æмæ стыр дардады  сурзæххон-денджызон æмæ уæлдæфон   ракетон комплекстæ кæй ис  уый.

«Оккупацигонд Гуырдзыстоны  территоритыл  лæууæг  оккупацион тыхты  æфсæддон базæтæ,   сæрмагондæй та 7-æм, 4-æм   æфсæддон  базæтæ æмæ регионы   карз милитаризаци,   халынц  тыхты баланс æмæ  тас хæссынц  регионы  æдасдзинады  уавæрæн» –   банысан кодта Ираклий Гъарибашвили.