Ираклий Гъарибашвили  -  Æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ   бæстæйы нæ уыдзæн
Ираклий Гъарибашвили - Æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ бæстæйы нæ уыдзæн

Æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ   бæстæйы нæ уыдзæн,  ууыл ныхас мах фестæм –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили  фехъусын кодта.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   Гуырдзыстоны 2020  азы  октябры  ацæугæ парламентон æвзæрстытæ  æппæт дуне банымадта.

«Æмгъуыдагъоммæ  æвзæрстытæ бæстæйы  нæ уыдзæн. Ууыл ныхас  фестæм. Уый  фæдыл  байхъуыстам   Еврпоцæдисы  официалон минæвæртты фидиуæнтæ, АИШ-ы   паддзахадон    департаменты, Сенаты æмæ  а.д.  OSCE/ODIHR-ы  хатдзæгтæ.  Æнæхъæн дуне   нымадмæ райста нæ æвзæрстытæ æмæ  нын раарфæ кодтой,  цавæр æвзæрстытыл ма  ныхас кæнæм»-   райхъусын кодта Гъарибашвили.