Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл рæхджы ацæудзæн Васил Магълаперидзейы авторон проект «Нæ Гуырдзыстон»
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл рæхджы фæзындзæнис Васил Магълаперидзейы авторон проект «Чвени Сакартвело». Документон сериал «Зæлдаг Фæндаджы Кавказаг магистрал – Дарьялы комæй Хорнабуджы онг».
Документон фильмты серийæ нын радзурыдзысты, куыд сæвзæрдис Гуырдзыстон, цы тæфаг уыд æмæ ис Дунейы цæугæ процесстæн нæ бæстæйыл.
Куыд цардысты æмæ цы куыст кодтой гуырдзиæгтæ. Хуыздæр базондзыстæм нæ бæстæйы географи, æрдзы æмæ адæймæгты къухæй фæлдыст цырттæ. Базондзыстæм, цы иу кæны кæрæдзиимæ æрдзæй, климатæй, цардуагæй, равг æмæ æвзаджы здæхтæй хъауджы нæ бæстæйы æндæр æмæ ндæр рæттæ. Куыд арызт уыд незаманы дугæй, иумæйаг культурон тыгъдад æмæ иугонд бæстæ, кæцы хуыйны Гуырдзыстон.