2026-2032 азты олимпион  хъæзтытæ Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл
2026-2032 азты олимпион хъæзтытæ Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл

2026-2030 азты  зымæджы æмæ  2028-2032 азты сæрды Олимпион Хъæзтыты  кæсджытæн Гуырдзыстоны Фыццаг Канал  эксклюзивонæй   банхъардзæн.  Комкоммæ трансляциты фенын  телеуынынадон   эфирæй дарддæр  кæсджытæн уыдзæн сæ бон платформæйыл  1tvplay.ge  .

Фыццаг Канал сæрхъызойтæн гуырдзиаг спортсменты  ерыстæ  приоритетонæй равдисдзæн. Аудитори ацы азты  фæсивæдон Олимпион хъæзтытæ дæр фендзæн.

«Æхсæнадон Телеуынынад кæддæриддæр куыд  кодта, афтæ нырдæр  кæсджытæ сегасдæр  нысаниуæгджын спортивон мадзалы эксклюзивон   трансляци  банхъардзæн.  Нæ  канал сфысым кæндзæн 2024  азы  сæрды  Олимпион хъæзтытæн дæр, афтæма нын уыдзæн  Ервопæйы Чемпионат футболы æмæ Гуырдзыстоны националон æмбырдгонды хъæзтытæ  УЕФА-йы Нациты Лигæйыл. Фидæн азты  Олимпион Хъæзтыты  лицензийы  балхæды параллелонæй  нын плангонд сты  параолимпиадæйы  лицензиты балхæд дæр, 2021 азы Гуырдзыстоны фыццаг  хатт растдæр Фыццаг Канал банхъарыд  кæсджытæн  параолимпиадæ», –   райхъусын кодта Фыццаг Каналы генералон директор  Тинатин Бердзенишвили.

Бакой уын кæндзыстæм цæмæй 2021 азы фыццаг хатт Гуырдзыстоны, параолимпиадæйы  трансляци сырæзт  æмæ  кæсджытæн уыдис фадат   гуырдзиаг параолимпийæгты  ерысмæ кастаиккой. 2023 азы  Гуырдзыстоны  параолимпион комитет  Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæгы информацион æххуысы тыххæй  схорзæхджын кодта.