Гуырдзыстоны æмбырдгонд футболы  Хъазастаны  абырста | Нациты Лигæ [видео]
Гуырдзыстоны æмбырдгонд футболы Хъазастаны абырста | Нациты Лигæ [видео]

«Нациты Лигæйы»   къордон этапы  фæстаг  матчы, Гуырдзыстон  басаста  Хъазахстаны æмбырдгонды хыгъдæй 2-1  æмæ   мидæгон  æрдæгфиналмæ ахызтис.

Æнæкæсгæ уымæ цæмæй  фембæлды  фыццаг тайм  æнæкъæмæй  фæцис,  Гуырдзыстоны æмбырдгонд  кæсджытæн  бирæ   зæрдылæууæн  эпизодтæ   банхъардта.  Матчы  хицæн кодта  размæбырсæг æрдæгхъахъъæнæг  Гиорги Чакветадзе, кæцы  матчы  сеппæтæй  хуыздæр хъазæгæ схуыдтой.

გიორგი ჩაკვეტაძეს ? „ბარსელონა“ აკვირდება

გიორგი ჩაკვეტაძეს ? „ბარსელონა“ აკვირდება

Posted by პირველი არხი • სპორტი on ორშაბათი, 19 ნოემბერი, 2018

Фыццаг къæм сæвзæрд Чакветадзейы  активондзинады фæстиуæгæн, кæцы райста ГИорги Лориайæ  лæвæрд,   флангыл   æндæогъы фæсайдта  æмæ  пурти  иварон фæзыгмæ  арвыста.  Чакветадзейы  пасыл, раст позицийыл лæуугæйæ  амбæлд  Гиорги Меребашвили æмæ   Гуырдзыстоны  размæ  ракодта – 1:0.

?? საქართველო 1:0 ყაზახეთი ??

⚽ გიორგი ჩაკვეტაძის გადაცემის შემდეგ საქართველო გიორგი მერებაშვილმა დააწინაურა?? საქართველო 1:0 ყაზახეთი ??

Posted by პირველი არხი • სპორტი on ორშაბათი, 19 ნოემბერი, 2018

Матчы дыккаг гол йæхæдæг Чакветадзе бакъуырдта.  Къачъаравайы  зæвæтцæфæй  райсгæ лæвæрды  фæстæ пурти батыолдис Хъазаишвилимæ, кæцы иварон фæзыгы  рацагуырдта  Чакветадзейы. Æвзонг æрдæгхъахъъхæнæг  дыууæ  æндæогъы   йæ фæстæ фæуагъдта æмæ  хаъазæгты дуæрттæ  дыккаг хатт  систа.

გიორგი ჩაკვეტაძის გოლი!!!

⚽ გიორგი ჩაკვეტაძის გოლი!!!?? საქართველო 2:0 ყაზახეთი ??

Posted by პირველი არხი • სპორტი on ორშაბათი, 19 ნოემბერი, 2018

 

Хъазахæгтæ   иу  къæм баппæрстой матчы  фæстаг минутыл, фæлæ баззайгæ рæстæджы   фысымтæ  сæхи  хорз  иргъæвтосй  æмæ  матч  рамбылдтой.

Гуырдзыстоны æмбырдгонд   къордон этап 16 баллæй  фæцис æмæ  «Нациты Лигæйы»  æрдæгфиналон матч  ахъаздзæн   сæрмагонд  стадионыл.