Григорий Карасин - тыхæй æнæспайдайы фæдыл бадзырды текстыл не ‘рныхас кодтам
Григорий Карасин -  тыхæй æнæспайдайы фæдыл бадзырды текстыл  не ‘рныхас кодтам

Женевæйы  дискусситы  хайадисджытæм хъауджыдæргонд  хъуыдытæ  ис  темæйыл,  цæмæй  цы хъуамæ æрцæуа фыст  тыхæй æнæспайдайыс фæдыл бадзырды –  уый тыххæй  журналисттæн   Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министры  хæдивæг Григорий Карасин  Женевæйы  дискусситы  фæуды фæстæ   загъта.

 

ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, растдæр хъауджыдæргонд   цæстæнгасы  тыххæй   нæ бантыстис текстыл æрныхас кæнын.

«Хъыгагæн  текстмæ  гæсгæ  разыдзинадмæ не рхæццæ стæм,   уымæн æмæ хайадисджытæм ис хъауджыдæргонд  хъуыды  уымæ гæсæ,  цæмæй  цы хъуамæ æрцæуа фыст  бадзырды мидæг.  Цæй зæгъын æй хъæуы  алцыппæт уый  фæстæмæ æнцой кæнæ статусы фарстыл, 2008 азы  бадзырдыл,  кæцы  афтæдæр æндæр æмæ  æндæргъуызонæй æмбарынц  Тбилисы, Сухум  æм  Мæскуыйы.  Уый  тыххæй æрцыд   хъуыдыты  баивд.  Дунйы политикъæйы   уæвæг   зындзинæдтæм æнæксгæ,   ныхас  уæддæр конструктивон разынд,  фæлæ  иуæй-иу хæттыты эмоцион уæддæр уыдис» – банысан кодта  Карасин.

Æхсæнаæлмон бадзырдты  43-аг раунд Женевæйы  27-28  марты  ацыд. Гуырдзыстоны  делегацийæн къухдариуæг кодта  фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг  Давит Дондуа.  Æхсты фæурæды фæдыл  тексты  бакусынæй уæлдай,   дискусситы  сæйраг темæ уыдис  Арчил Татунашвилийы   марындзинады  факт.