Гиорги Гахариайы  хæслæвæрдæй, стихийы   зонæмæ  æмбæлгæ уагдæтты минæвæрттæ   араст сты
Гиорги Гахариайы хæслæвæрдæй, стихийы зонæмæ æмбæлгæ уагдæтты минæвæрттæ араст сты

 

Гуырдзыстоны премьер-минситр Гиорги Гахариайы  барамындæй,  Рачаъамæ, стихийы  зонæмæ араст сты премьер-министры уынаффæгæнæг  регионалоны фарстаты  Созар Субари, регионалон рæзынады æмæ  инфраструктурæйы  министры  хæдивджытæ  Ираклий  Карселадзе  æмæ  Илиа Бегиашвили,  иугонд донифтонггæнæг компанийы  директор Гига Мандариа æмæ  мидхъуыддæгты министрады   уæлвæткон уавæрты  фæткдæттæг куысты  къухдариуæггæнæг  Темур  Мгъебришвили, мажоритар  депутат  Гоча  Энекидзеимæ иумæ.

Премьер-министры  пресс-куысты  информацийæ,   хицауады  сæргълæууæгы  барамындмæ  æмбæлгæйæ,   уыдон  бынатыл æрзонгæ уыдзысты   стихийы  фæстиуæгæн   сырæзт уавæримæ  æмæ  цы  зиан æрхаста уый, цæмæй   амалуæвгæйæ   цыбырдæр æмгъуыдтæм  райсой  æмбæлгæ  скуыддзæгтæ  цæрджытæн баххус кæнынæн.